Notas
Фиппаинæгтæ


Traxectoria
Цардафыст

Pinturas
Галерей

Kosta Khetagurov Хетӕгкаты Леуаны фырт Къоста nado o 15 de outubro de 1859 en Nar e finado 1 de abril de 1906 en Labə, foi un pintor e poeta oseto, considerado o fundador da literatura oseta.
Хетæгкаты[1] Леуаны фырт Къоста (райгуырдис 1859-æм азы 3 (15) октябры, Нарыхъæуы — амардис 1906-æм азы 19 мартъийы (1 апрелы), Лабæйы) уыдис зынгæ ирон фыссæг, поэт, публицист, нывгæнæг æмæ нывгæрдæг. Нымад цæуы ирон литературæйы бындурæвæрæгыл.

Naceu nunha pequena aldea de montaña, seu pai.
Къоста райгуырдис Нарыхъæуы, 1859-æм азы 15-æм октябры.

Seu pai, Levan Khetagurov, estaba á cabeza da milicia oseta ao servizo do imperio Ruso, e súa nai era filla dun portaestandarte do exército imperial.
Йæ фыд, Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан, уыд Уæрæсейы империйы æфсæддон. Йæ мад, Гуыбаты Габрелы чызг Мария, Къостайы райгуырдæй цалдæр боны фæстæ амардис, æмæ Къостайы хъомыл кæнын йæ хæстæгæн ныууагъта.

Orfo de nai cando tiña dous anos, quedou ao coidado dun familiar do pai .
Къостайыл фондз азы куы цыдис, уæд йæ фыд дыггаг ус æркодта. Уый уыд бынæттон сауджыны чызг.

Tras rematar a súa primeira nau sa localidade natal, continuou a estudar en Vladikavkaz En.
Ахуыр кæнынмæ Къоста бацыд фыццаг Нары скъоламæ, стæй Дзæуджыхъæумæ куы ацыд, уæд байдыдта ахуыр кæнын прогимназы. 1870-æм азы, йæ фыд Нарыкомы цæрджытимæ алыгъдис Хъобаны облæстмæ, уым Лабæйы хъæуæн бындур сæвæрдтой æмæ дзы æрбынат кодтой.

1870 seu pai á cabeza dos habitantes de Nara transladouse á rexión de Kuba e alí fundou o asentamento de Labə (que máis adiante vai levar o nome do propio escritor)
Уыцы хъæуæн фæстæдæр раддзысты Къостайы ном. Фæстæдæр Къоста Дзæуджыхъæуы ахуыр ныууагъта, æмæ йæ фыды фæдыл Лабæмæ ацыдис. Уым æй йæ фыд Каладжины скъоламæ бакодта.

Entre 1871 e 1881 estudou en Стаолы .
1871-æм азæй 1881-æм азмæ Къоста ахуыр кодта Стъараполы гимназы.

Nesta época comezou a pintar.
Уæды рæстæгæй йын баззадис дыууæ ирон æмдзæвгæйы æмæ иу уырыссаг.

En 1881 entrou na academia das artes de San Petersburgo pero en 1883 por problemas financeiros viuse obrigado a deixar os estudos e acabou volvendo a Osetia.
1881-æм азы Къоста бацыд Бетъырбухы Аивадон Академимæ. Уый йæ фыды фæндтæм нæ хауд, уымæн æмæ йæ фыды фæндыд цæмæй Къоста куыстаит Уæрæсейы хицауады. 1883-æм азы йын йæ стипенди æрлæууын кодтой, æмæ уый тыххæй цæрыны фæрæзтæ фесафгæйæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ рыздæхт.

A partir de 1888 comezou a publicar poemas na prensa en oseto e ruso .
Дзæуджыхъæуы Къоста æхсæнадон царды активон хайад иста æмæ куыста цалдæр газетимæ. Сæрды-иу хæхтæм ацыд, æмæ иу ирон царды тыххæй фылдæр базыдта. Уæды рæстæджы Къоста ныффыста бирæ ирон æмдзæвгæтæ, кæдон тагъд апарахат сты ирон адæмы ’хсæн, уæлдайдæр ахуыргæнинæгты æмæ интеллигенцийы.

e participou na vida cultural da cidade.
1891-æм азы июны Къоста йæ æмдзæвгæты тыххæй æрвыст æрцыд Терчы облæстæй.

En 1891 por conflitos co gobernador de Terek a raíz do peche dunha escola feminina tivo que deixar Osetia, estableceuse en Labə e en 1893, ao ano seguinte da morte de seu pai marchou a Stravopol, traballando na revista Северный Кавказ ata 1897, constitúen os anos máis creativos, tanto en ruso como en oseto, pero sen poder publicar os seus versos osetos.
Къоста ацыд Лабæмæ, йæ фыды хæдзармæ, æмæ дзы фæцис дыууæ азы. 1893-æм азы Къоста ацыд Стъараполмæ æмæ дзы газет «Цæгат Кавказы» кусын байдыдта. Уым фæкуыста 1897-æм азы онг, æмæ уыцы рæстæджы йæ ном тынг ахъæр ис.

En 1897 enfermou de tuberculose.
1895-æм азы «Цæгат Кавказы» рацыд йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмбырд.

En 1898 puido volver a Osetia, pero tivo que marchar polo seu enfrontamento de novo co gobernador.
Стъараполы уæвгæйæ Къоста туберкулезæй фæрынчын ис. Уый тыххæй йын сарæзтой дыууæ операцы, фæлæ йæ низ не ’рлæууыд. Дыггаг операц æрцыд Бетъырбухы, æмæ уый фæстæ æхсæз мæй уатæй нæ сыстад.

En 1899 estableceuse en Kherson, no sur de Ucraína.
1898-æм азы рыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ низæн хос кæнын уым адардтæр кодта.

En decembro de 1901 estableceuse en Vladikavkaz, pintando e escribindo, pero tamén enfermo foron anos de dificultades económicas
Æрвыстæй рыздæхгæйæ Къоста байдыдта кусын Стъараполы «Цæгат Кавказы», фæлæ йæ низы тыххæй йæ тыхæтæ фæуд кодтой, æмæ 1901 рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Дзæуджыхъæуы Къоста хайад иста культурон цауты, ныв кодта, фæндыд æй ныв кæныны скъола бакæнын æмæ газет «Хъазыбеджы» редактор суын. Фæлæ уыцы фæндтæ низы тыххæй нæ сыххæст сты.